У нас вы можете посмотреть бесплатно Черменыхъæуы цалцæг кæнынц социалон объекттæ или скачать в максимальном доступном качестве, видео которое было загружено на ютуб. Для загрузки выберите вариант из формы ниже:
Если кнопки скачивания не
загрузились
НАЖМИТЕ ЗДЕСЬ или обновите страницу
Если возникают проблемы со скачиванием видео, пожалуйста напишите в поддержку по адресу внизу
страницы.
Спасибо за использование сервиса ClipSaver.ru
Культурæйы хæдзар, хъæуы амбулатори, скъола æмæ ма æндæр ахсджиаг арæзтадон объекттæ. Черменыхъæуы сæ тæмæны сты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Национ проект «Культурæ»-йы руаджы Горæтгæрон районы хъæутæй иу цæттæ у ивддзинæдтæм. Æрæджы дæр ма ацы бæстыхайы къах бавæрæн нæ уыд. Сывæллæттæ тагъд кодтой алыхуызон аивадон къордтæм, хистæр кълæсты скъоладзаутæ та сæхи цæттæ кодтой концертон программæтæм. Хъæуы цæрджытæй бирæтæ архайдтой алыхуызон фестивалты æмæ конкурсты. Черменыхъæуы артдзæсты æгуыстæй ничи бадт. Фæлæ дзы ныр, музыкæйы зæлы бæсты, хъуысы арæзтады хъæлæба. Бындуронæй цалцæг кæнын Черменыхъæуы культурæйы хæдзар æрæджы райдыдтой. 20 азæй фылдæр æм цæстдард нæ уыд, фæлæ национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты, хъуыддаг хорзы 'рдæм аивта. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны сты. Алкæуылдæр сæ ис æвæрд бæрнон хæс. Кæд ныртæккæ, а дунейы коронавирусы ног хуызы низы ныхмæ тох кæнынц, уæддæр кусджытæ цæттæ сты фæллой кæнынмæ. Хъуамæ уыдоны фæрцы культурæйы хæдзар цыбыр рæстæгмæ арæзт æрцæуа. Черменыхъæуы культуры хæдзары разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы цæрджытæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц, бæстыхай кæд байгом уыдзæн, уымæ. Культурæйы хæдзарæй уæлдай ма Черменыхъæуы ныртæккæ цалцæг кæнынц бынæттон амбулатори. Аразынц дзы ног скъола дæр. Хъæу цæттæ у ног ивддзинæдтæм. Къутæрты Аидæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv / irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv