У нас вы можете посмотреть бесплатно Юбилеон аз или скачать в максимальном доступном качестве, видео которое было загружено на ютуб. Для загрузки выберите вариант из формы ниже:
Если кнопки скачивания не
загрузились
НАЖМИТЕ ЗДЕСЬ или обновите страницу
Если возникают проблемы со скачиванием видео, пожалуйста напишите в поддержку по адресу внизу
страницы.
Спасибо за использование сервиса ClipSaver.ru
Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион ансамбль «Алан»-æн ацы аз у юбилеон. Йæ равзæрдыл сæххæст 80 азы. Ансамбль Ирыстоны ном æмæ культурæ зæххы къорийыл кæм нæ базонын кодта, ахæм бынат нал баззад. 1938-æм азы йын бындур сæвæрдта зындгонд композитор Кокойты Тæтæрхъан. Професионалон къорды фыццаг артисттæ уыдысты хæрз хуымæтæг адæм: трактористтæ, шахтертæ, аразджытæ æмæ афтæ дарддæр. Сæ концерттæ уыдысты цымыдисаг, кæфтытæ та-иу адæмы дисы бафтыдтой. Нæ уацхæссæг Хъуысаты Мæдинæ - нæ номдзыд ансамблы тыххæй. Кæд дæ ирон аивады курдиатджындæр артистты фенын фæнды, уæд бабæрæг кæн ансамбль «Алан»-ы концерт. Кæд национ сфæлдыстады æвæрæнтæ банкъарын зæгъа дæ зæрдæ, уæддæр та ацы курдиатджын къордимæ базонгæ у. Кæд дæ дæ фыдыуæзæгæй сæрбæрзонд уæвын фæнды, уæд та дын ацы кафджытæ баххуыс кæндзысты. Рагæй-æрæгмæ номдзыд ансамбль кад кодта канд йæхицæн нæ, фæлæ цы республикæйы авдæны райгуырд æмæ цы зæххыл æхсыст йæ кафджыты курдиат, уымæн дæр. Уыцы намыс абон дæр йæ къухæй не суагъта. Тедеты Руслан, РЦИ-Аланийы адæмон паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы аивадон разамонæг: «80-ай азы ныл æххæст кæны, æмæ уый гыццыл рæстæг нæу,тынг бирæ рæстæг у. 80-ай азмæ ансамбль «Алан» дынджыр фæндагыл ацыд.Зæххы къорийыл кæм нæ уыд, ахæм нал баззад. Стыр бузныг зæгъын нæ сæргълæууæг Битарты лæппуйæн, правительсвойæн. Тынгдæр та зæгъын Рустем Келохсайæвæн, тынг нын баххуыс кодта. Æрæджы Белгороды уыдыстæм, æмæ нæм нæ сæргълæууæг æрбадзырдта , æмæ нæ поздравить скодта , нæ къордыл 80 -ай аз кæй сыххæст уый тыххæй». Чи дзы кафыд, уыдоны нæмттæ фехъусгæйæ абон дæр ма адæймаджы зæрдæ тынгдæр сгуыпп-гуыпп кæны. Ирыстоны культурæйæн æгас дунейы стыр ном чи скодта, уыдон сты Байаты Альбинæ, Торчынты Бексолтан, Карсанаты Галинæ, Калоты Земфирæ, Плиты Нодар, Туаты Ирбег, Кънаттаты Руслан æмæ бирæ æндæр зындгонд артисттæ. Чи сæ фæуыдзæн нымад... Ансамблы кадгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй иу бон дæр фæсмон нæ кæнынц се сфæлдыстадон фæндагыл. Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ныртæккæ ансамблы ис 61 адæймаджы. «Алан» хорзæхджынгонд у бирæ æппæтдунеон фестивальты майдантæй. У Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, æппæтуæрæсеон æмæ дунеон æркастыты уæлахиздзау. Адæмы рæгъмæ хæссынц 24 кафты, семæ - сæ юбилеймæ цы 4 ног кафты бацæттæ кодтой, уыдон дæр. Æрыгон фæсивæд сæхиуыл кусынц, архайынц ансамблы раздæры кад дæлæмæ ма руадзыныл. Сæ буц хистæрты ном рох кæнын нæ уадзынц. Тедеты Леван, ансамблы кафы 2006-æм азæй нырмæ. Йæ зæрдæ аивадыл тынг æнувыд у чысылæй нырмæ. Ирон уæздан кафтыл фæндыры зæлтæ сæхи хæххон суадонау куы `руадзынц, уæд ма уымæй аивдæр цы ис... Къорды оркестры цæгъдынц æвæджиауы курдиаты хицæуттæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй æрыгон фæсивæды уæнгты змæлдмæ сæ фæндыры тæнтæ рогдæр æмæ хъæлдзæгдæрæй азæлынц. Ансамблæн кад æмæ ном чи скодта, уыцы номдзыд артисттæн се `рыгон фæдонтæ сæ сæртæй ныллæг кувынц. Арæхстджынæй хъахъхъæнынц къорды аивадон куырдадзы хæзнатæ, æфтауынц ансамблы кадыл. Алы кафæг дæр йæ фидæнмæ ныфсджынæй кæсы. Уырны сæ, ноджы ирддæр æмæ сын кадджындæр кæй уыдзæн. Аив фезмæлдæй дисы фтауынц дун-дунейы алы адæмыхæттыты. Æмæ сын уый сæ уæлахизтыл дæр, æнæмæнг, ногтæ бафтаудзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv / irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv