У нас вы можете посмотреть бесплатно Дзæуджыхъæуы Цоколайы фырты номыл уынджы 16-æм, 18-æм хæдзары цæрджытæ бæрæг кæнынц Джеоргуыба или скачать в максимальном доступном качестве, видео которое было загружено на ютуб. Для загрузки выберите вариант из формы ниже:
Если кнопки скачивания не
загрузились
НАЖМИТЕ ЗДЕСЬ или обновите страницу
Если возникают проблемы со скачиванием видео, пожалуйста напишите в поддержку по адресу внизу
страницы.
Спасибо за использование сервиса ClipSaver.ru
Иу къуырисæрæй иннæмæ адæм кувынц уæларвон тыхтæм, æмæ сæ курынц зæххон хорзæхтæ. Уастырджимæ кувæн къуырийы агъоммæ та хуыцаубоны вæййы галæргæвдæн. Ацы бонмæ хицæн бинонтæ сæрмагондæй нывондæн схæссынц гал, æмæ йæ куы аргæвдынц, уæд дзы байуарынц сыхæгтæн. Дзæуджыхъæуы Цоколайы фырты номыл уынджы бæрæгбонмæ сæхи бацæттæ кодтой æгас кæртæй. Æргом дзуарæй ракуырдтой, цæмæй фидæны аз бæркадджын уа æмæ иннæ ацафон та сыл ноджы хуыздæр æмæ рæсугъддæрæй куыд сæмбæлой Джергуыбайы бæрæгбæттæ, уый. Æртыгай чъиритæ, бæгæны, æртæ фæрсчы æмæ базыг. Кæстæрты «аммен» æмæ хæларзæрдæ ахаст. Æргом дзуар - Уастырджийы бæрæгбон у ирон адæмы хæзна. Кадджын бæрæгбонмæ алы хæдзар, алы бинонтæ дæр сæхи бацæттæ кæнынц рагацау. Йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ кусарт дæр акæны. Æрвылаз дæр ноябры, джеоргуыбайы мæйы æртыккаг хуыцаубоны вæййы галæргæвдæн бон. Уæд бæрæгбоныл фыццаджыдæр бацин кæнынц, сыхгай галтæ чи фергæвды, уыдон. Дзæуджыхъæуы Цоколайы фырты номыл уынджы цæрджытæ дæр Уастырджимæ кувæн къуыри æххæст кæнынц фыдæлты `гъдаумæ гæсгæ. Хуыцауы ном ссарынц та сыгъдæг зæрдæйæ. Сыхбæстæн иугæнæн бæрæгбон кæй у, уый дызæрдыггаг нæу. Хистæрæй-кæстæрæй æрбалæууынц кæрæдзийы фарсмæ. Кувæн къуыри сæм райдайы къуырисæры изæрæй. Ахæссы иу абонæй иннæ абонмæ. Æмæ æцæгæйдæр Цоколайы фырты номыл уынджы фæсивæдмæ аипп æмæ фау æрхæссын зын у. Алчидæр сæ бæрæгбонмæ хæссы йæхи бавæрæн. Чи лæггад кæны, чи кусарты куыст кæны. Сæйрагдæр сын у фæлтæрдджын хистæрты амынддзинæдтæ ма рох кæнын æмæ сæ раст фæткмæ гæсгæ æххæст кæнын. Къуырийы дæргъы адæм сæ хойрагæй фæдзæхсдзысты сæхи Хуыцауы минæварыл æмæ дзы курдзысты амонд æмæ бæркад, канд сæ бинонтæн нæ, фæлæ æппæт адæмæн дæр. Бæрæгбоныл-иу æмбæлдысты сыгъдæг хъуыдытимæ. Æртæ боны раздæр-иу адæм нæ хордтой нæфæтджиаг хойраг. Хæдзары хистæр-иу, æнæмæнг, скуывта æртæ кæрдзыны æмæ-иу бинонты бафæдзæхста Хуыцауыл æмæ йе сконд зæдтыл. Æфсинтæ та-иу фыхтой нæртон бæгæны. Уæвгæ сылгоймæгтæн уыд сæхи æгъдау æмæ фæтк. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Цоколайы фырты номыл уынджы æртæ бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сæ бæрæгбоны куывд кæндзысты ног цалцæггонд аив бæстыхайы. Уый уæлдай цин æфтауы зæрдæты. Ацы аз ма иу ногдзинад. Джеоргуыба фыццаг хатт нымад æрцыд паддзахадон бæрæгбоныл. Республикæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, бæрæгбоны райдиан официалон æгъдауæй ссис улæфæн бон. Уый адæм банымадтой раст уынаффæйыл. Таурæгъмæ гæсгæ Уастырджи ацы бонты адæймаджы сурæт райсы æмæ не`хсæн фæцæры, кæй фæлваргæ фæкæны, кæмæн та - æххуыс. Ирон адæмæн кувæн къуыри нымад у стырдæр æмæ уарзондæртæй иуыл. Йæ нысан - удварн æмæ зæрдæйы хорзæх дæ алыварс чи ис, уыдонæн фæхай кæнын. Бæрæгбоны фынг канд кувинæгтæ æмæ хойрагæй нæ фидауы, фæлæ ма кафт æмæ зардæй дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv / irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv